Википеди oswiki https://os.wikipedia.org/wiki/%D0%A1%C3%A6%D0%B9%D1%80%D0%B0%D0%B3_%D1%84%D0%B0%D1%80%D1%81 MediaWiki 1.48.0-wmf.3 first-letter Медиа Сæрмагонд Тæрхон Архайæг Архайæджы ныхас Википеди Википедийы тæрхон Файл Файлы тæрхон MediaWiki MediaWiki-йы тæрхон Хуызæг Хуызæджы тæрхон Æххуыс Æххуысы тæрхон Категори Категорийы тæрхон TimedText TimedText talk Модуль Обсуждение модуля Event Event talk Дзæуджыхъæу 0 8 596351 594162 2026-11-05T00:15:27Z InternetArchiveBot 20706 Rescuing 1 sources and tagging 0 as dead. #IABot (v2.0.9.6) 596351 wikitext text/x-wiki {{ЦР |Статус = Сахар |Ирон ном = Дзæуджыхъæу |Оригиналон ном = {{lang-os-dig|Дзæуæгигъæу}}<br>{{lang-ru|Владикавказ}} |Ныв = View of Vladikavkaz.jpg |Ном = Дзæуджыхъæуы уынд |Паддзахад = Уæрæсе |Герб = |Тырыса = |Гербы уæрх = |Тырысайы уæрх = |lat_deg = 43 |lat_min = 01 |lat_sec = 00 |lon_deg = 44 |lon_min = 39 |lon_sec = 00 |CoordAddon = |CoordScale = |Паддзахады картæйы ас = 300 |Регионы картæйы ас = 300 |Районы картæйы ас = 300 |Регионы тип = Уæрæсейы федеративон арæзт{{!}}Федерацийы субъект |Регион = Цæгат Ирыстон |Регион таблицæйы = Цæгат Ирыстон |Районы тип = Цæгат Ирыстоны административон дих{{!}}Сахары зылд |Район = Дзæуджыхъæу |Район таблицæйы = Дзæуджыхъæу |Æмбалады тип = |Æмбалад = |Мидæг дихкæнынад = 4 муниципалон [[Дзæуджыхъæуы районтæ|районы]] |Сæргълæууæджы тип = |Сæргълæууæг = |Бындурæвæрд = 1784 |Фыццаг кой = |Раздæры нæмттæ = {{НП-ПН|1931|Владикавказ|1944|Орджоникидзе|1954|Дзауджикау|1990|Орджоникидзе}} |Статус кæдæй = 1860 |Фæзуат = 291 |Бæрзæнды тип = |Центры бæрзæнд = 700 |Бæстыхъæд = |Официалон æвзаг = |Официалон æвзаг-ref = |Цæрджытæ = {{ Цæрджытæ | Владикавказ | тс }} |Сфысты аз = {{ Цæрджытæ | Владикавказ | г }} |Æнгомад = |Агломераци = |Националон сконд = [[ирон адæм|ирæттæ]], [[уырыссаг адæм|уырыссæгтæ]], [[сомихаг адæм|сомихæгтæ]] æмæ ин. |Динон сконд = |Сахатон таг = +3 |DST = |Телефонон код = |Посты индекстæ = 362000 |Автомобилон код = 15 |Идентификаторы тип = |Цифрон идентификатор = |ВикиКъæбицы категори = |Сайт = |Сайты æвзаг = }} '''Дзæуджыхъæу''', [[дыгурон диалект|дыгур.]] '''Дзæуæгигъæу''' ({{lang-ru|Владикавказ}}) у [[Цæгат Ирыстон]]ы сæйраг [[сахар]]. Цæрынц дзы 293 мин адæймагæй фылдæр (республикæйы цæрджытæй се ’мбис). Сахары бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг у [[Милдзыхты Вячеслав]]. == Ном == [[Уырыссаг æвзаг|Уырыссагау]] Дзæуджыхъæу у ''Владикавказ'', ома «Кавказы хицауиуæггæнæг сахар». [[Ирон æвзаг|Ирон]] ном йæн сæвæрдтой [[Быгъуылты Дзæуыг|Быгъуылты Дзæуыгæй]] номæн, таурæгъмæ гæсгæ уый у Дзæуджыхъæуы бындурæвæрæг. Советон рæстæджы, 1931-1944 æмæ 1954-1990 азты, уырыссаг æмæ ирон æвзаджы сахар хуындис '''Орджоникидзе'''. 1944-1954 азты сахары ном уыдис Дзæуджыхъæу (уырыссагау дæр — {{lang-ru|Дзауджикау}}). 1990-æм азы 20 июлы, «Цæгат Ирыстоны АССР-ы Паддзахадон суверенитеты тыххæй деклараци»-мæ гæсгæ горатæн раздæхтой йæ раздæры нæмттæ: '''Дзæуджыхъæу''' иронау æмæ '''Владикавказ''' уырыссагау. Дзæуджыхъæуы [[мæхъхъæлон æвзаг|мæхъхъæлон]] ном у ''Буро''. == Истори == Уырыссаг фидар ''Владикавказ'' бындурæвæрæд æрцыд [[1784-æм аз]]ы ирон хъæу Дзæуджыхъæуы фарс (æндæр верситæм гæсгæ [[Мæхъхъæлон адæм|мæхъхъæлон]] хъæу ''Зауры'' фарс), куыд фидар [[Арвыком]]ы мидæгмæ. Сахары статус радтой [[1861-æм аз]]ы. [[1903-æм аз]]мæ уый ахста 740 [[дæсæтин]]ы фæзуат, уыдис дзы 103 уынджы, цæрджыты нымæц уыд 53 минæй фылдæр<ref name="tram">Н. М. Семенов. Владикавказскому трамваю — 100 // Пантограф. 2005 г. №№ 1 (15), 4 (18)[http://laser09.narod.ru/Semenov_Vlad_100let.htm] {{Webarchive|url=https://web.archive.org/web/20121006094854/http://laser09.narod.ru/Semenov_Vlad_100let.htm |date=2012-10-06 }}</ref>. Дзæуджыхъæуы фидары бындурдзинады иукæны, [[Уæрæсе|Уырыс]] æмæ [[Гуырдзыстон|Гуырдзыйы]] æхсæн æмбалдзинады рæстæджы. [[1783-æм аз]]ы 24 июлы [[Гуым]]ы уыд къухфыст акт Гуырдзыстоны Уырысы хъахъæнæны тыхæй. Уыцы цау бацахста сæйраг пълан фарста Кавказ æмæ Фæскавказ æнцон æмæ æнæфыдбалазон иукæнын. Фидарæн ном радта (ус-паддзах) иператрицæ Цытджын Екатеринæ. Дзæуджыхъæуы чырыстон сыгъдæгдзинад æрцыд [[1784-æм аз]]ы 6 майы. Бахъахъахъæнæн хаххы æвæрд [[Мæздæг]]æй Кавказмæ февзæрын тынг æнææхцондзинад хохæгты хаймæ, уымæн æмæ уый дих кодтата фæндаг, кæцыйыл уыдон истон Гуырдзыстонæй ахстоныбадæгты æмæ цæ хизын кодта уæймæ Эндеримæ æмæ [[Анапæ]]мæ. 1785 азы феæвзæрд Кавказаг рæнхъы арв-нæрæн, хохæгтæ арæхтæр байдыдтой фыдми бабырстытæ фидармæ. Мæздæгæй Дзæуджыхъæумæ гарнизоны нæ уыдысты амал бахъахъæнын Гуырдзыйы фæндаг фыдми бабырстытæй. Фидар бынат базонæн уыд нырыккон агъуызттытимæ Хицауады хæдзар, 5-æм скъола-гимназ, Пушкины скверæй, Сæрибары фæзæй æмæ иннæ уынгтæй. Фидар йæ алфамбылай æмæ йæ цæрджыты нымæц стыр æмæ парахтдæр кодта уæдæй раразмæ уæкæнын хъуыддаг, æмæ уæйкæнын адæмы хонын байдыта. Дзæуджыхъæуы æддаг хуыз ивын райдыдта, фæзындысты дзы афицерты, мещанты, æлхæнджыты рæсугъд хæдзæрттæ. 1861 азы 31 мартъийы Дзæуджыхъæу райста сахары статус æмæ тагъд рæстæджы сси [[Терчы облæст]]ы административон центр ([[1863]]). Ам дæр æрбынат кодта къæнцылар, Терчы хъазахъхъаг хæстонады атам. Сахары размæцæуынæн бахуыс 1875 азы йæ кæй ба иуы кодта [[Ростов-Доныл|Ростовимæ]] æфсæнвæндагимæ. Алы азты ам Дзæуджыхъæуы цардысты æмæ куыстой [[Хетæгкаты Къоста]], культурæйы архайджытæ, [[Гæдиаты Секъа]], [[Коцойты Арсен]], [[Тугъанты Махарбег]], [[Вахтангов, Евгений Багратионы фырт|Вахтангов Евгений]]. Дзæуджыхъæуы ма уыдысты Уырысы культурæйы стыр архайджытæ [[Грибоедов, Александр Сергейы фырт|Грибоедов]], [[Пушкин, Александр Сергейы фырт|Пушкин]], [[Лермонтов, Михаил Юрийы фырт|Лермонтов]], [[Толстой, Лев Николайы фырт|Толстой]], [[Островский]], [[Чехов, Антон Павлы фырт|Чехов]], [[Булгаков, Михаил Афанасийы фырт|Булгаков]], [[Шаляпин, Фёдор Иваны фырт|Шаляпин]]. [[1904-æм аз]]ы [[16 августы]] скуыста [[Дзæуджыхъæуы трамвай|трамвай]]ы фыццаг хахх<ref name="tram"/><ref>«3 августа открыто движение электрического трамвая во Владикавказе. Весь доход от продажи билетов, как в этот день, так и в следующий день, 4 августа, будет внесен в пользу чинов действующей армии и флота на Дальнем Востоке и их семейств». // Газет «Кавказ». 1904-æм азы 5 (18) августы [http://forum.tr.ru/read.php?1,486638,page=8] {{Webarchive|url=https://web.archive.org/web/20120119023620/http://forum.tr.ru/read.php?1,486638,page=8 |date=2012-01-19 }}</ref>. XX æнусы райдайæны Дзæуджыхъæу у революцион æзмæлынæдты центртæй иу. === Советон период === Мидхæсты фæстæ цыбыр рæстæгмæ Дзæуджыхъæу уыдис, Терчы облæст æмæ Хъобаны облæсты иу хай чи баиу кодта, уыцы [[Хохаг Автономон Социалистон Советон Республикæ]]йы сæйраг сахар. 1931-æм азы 2 сентябры сахар райста нæуæг ном — Орджоникидзе, зындгонд [[Орджоникидзе, Серго|революционер Серго Орджоникидзейы кадæн]]. 1933-æм азы Орджоникидзе сси административон центр Цæгат Ирыстонæн. Сахары уыд лæмбынæг фылдæр индустриалон хайæдтæ, кæцытæ разындысты хъæддых индустриалон базæйæ Цæгат Ирыстонæн æмæ фæтагъд кадрты процесс. 1935 азы 10 ноябры æрцыд бæрæгбонджын гомдзинад Цæгат Ирыстоны драмон театрæн. 1936 — 1941 азмæ сценæйыл æвæрд æрцыд 38 пьесæ, 16 ирон авторы фыстытæй. Сахары сабыр цард хæлд æрцыд [[Фыдыбæстæйы Стыр хæст|хæстæй]]. Немыц сарæзтой тыхджын группировкæ сахар бацахсынæн. 1942 азы 2 ноябры [[салдат]] [[Пётр Барбашов]] йæхи буарæй бахкæдта æзнæгты дзоты амбразурæ. Радтой ын [[Советон Цæдисы Хъæбатыр]]ы ном. Хæсты азты 30 мин Дзæуджыхъæуы цæрæджы скадджын сты ордентæ æмæ [[майдан]]тæй. Сахар радта паддзахадæн 22 Советон Цæдисы Хъæбатыры æмæ 11 инæлары. Уæрæсейы Федерацийы уынафæмæ гæсгæ 2007 азы 8 октябры Дзæуджыхъæуæн радтой «[[Хæстон намысы сахар]]»-ы ном. Хæсты фæстæ уæлдай лæмбынæг кодтой адæмон ахуырадмæ. Ногæй кусын райдыдтой музейтæ, библиотекæтæ, клубтæ. 1980-азты кæронмæ сахары уыд тыхджын индустрион базæ. Размæ цæуын байдыта машинæамайæнад æмæ [[згъæркусæн индустри]], электрон индустри, машинæты цæлцæг, алыхуызон æмæ химион индустри, хъæд æмбырдкæнæн æмæ амайæн индустри. == Административон дих == Дзæуджыхъæу дихгонд у цыппар районыл: # [[Ирыстойнаг район]] (раздæры Ленины район) # [[Промышленнон район (Дзæуджыхъæу)|Промышленнон район]] # [[Терчыфалейы район]] (раздæры Советон район) # [[Цæгат-Ныгуылæн район]] == Цæрджытæ == {{ Цæрджытæ | Владикавказ | Столбцов=11 }} {| class="wikitable" style="text-align: right;" |- style="background:#e0e0e0;" ! rowspan="2" | Адæм ! colspan="2" | 1897 сфыст ! colspan="2" | 1926 сфыст ! colspan="2" | 1939 сфыст ! colspan="2" | 1959 сфыст ! colspan="2" | 1970 сфыст ! colspan="2" | 1979 сфыст ! colspan="2" | 1989 сфыст ! colspan="2" | 2002 сфыст ! colspan="2" | 2010 сфыст ! colspan="2" | 2021 сфыст<sup>1</sup> |- style="background:#e0e0e0;" ! Нымæц ! % ! Нымæц ! % ! Нымæц ! % ! Нымæц ! % ! Нымæц ! % ! Нымæц ! % ! Нымæц ! % ! Нымæц ! % ! Нымæц ! % ! Нымæц ! % |- | style="text-align:left;"| [[Ирæттæ]] | 2916 |6,7% | 10799 |14,4% | 22746 |17,4% | 37731 |22,9% | 78115 |33,1% | 110250 |40,0% | 138769 |46,5% | 187810 |59,5% | 196447 |63,0% | 190755 |69,4% |- | style="text-align:left;"| [[Уырыссаг адæм|Уырыссагтæ]] | 28831 |65,9% | 40209 |53,4% | 76344 |58,4% | 97462 |59,3% | 116692 |49,4% | 118453 |42,9% | 108174 |36,2% | 87073 |27,6% | 77947 |25,0% | 60343 |22,0% |- |align="left"| [[Сомихаг адæм|Сомихагтæ]] | 2049 |4,7% | 6529 |8,7% | 8406 |6,4% | 9064 |5,5% | 10321 |4,4% | 9952 |3,6% | 10278 |3,4% | 12267 |3,9% | 11424 |3,7% | 7959 |2,9% |- | style="text-align:left;"| [[Гуырдзиаг адæм|Гуырдзийæгтæ]] | 2531 |5,8% | 5038 |6,7% | 5502 |4,2% | 5492 |3,3% | 7657 |3,2% | 8745 |3,2% | 9585 |3,2% | 7323 |2,3% | 6035 |1,9% | 5008 |1,8% |- | style="text-align:left;"| [[Мæхъхъæлон адæм|Махъхъæлæттæ]] | 378 |0,9% | 1517 |2,0% | 6001 |4,6% | 649 |0,4% | 6153 |2,6% | 7823 |2,8% | 11566 |3,9% | 2679 |0,8% | 3210 |1,0% | 2109 |0,8% |- | style="text-align:left;"| [[Украинаг адæм|Украинæгтæ]] | 1439 |1,1% | 3981 |5,3% | 3557 |2,7% | 5082 |3,1% | 5464 |2,3% | 7089 |2,6% | 6170 |2,1% | 2917 |0,9% | 1790 |0,6% | 476 |0,2% |- | style="text-align:left;"| Иннæтæ | 5596 |14,9% | 7202 |9,5% | 8196 |6,3% | 8940 |5,5% | 11798 |5,0% | 13601 |4,9% | 14150 |4,7% | 15539 |5,0% | 14840 |4,8% | 8023 |2,9% |- | style="text-align:left;" colspan="19"|<sup>1</sup> <small>38 082 удгоймаджы сæ нациад нæ загътой. |} == Фенддæгтæ == * Сомихаг [[Сыгъдæг Григор-Рухстауæджы аргъуан]] ([[1868]]) * [[Илиайы аргъуан (Дзæуджыхъæу)|Илиайы аргъуан]] * [[Сыгъдæг Мады Майрæмы Иры аргъуан]] * [[Мухтаровы мæзджыт]] == Уынгтæ == {{main|Дзæуджыхъæуы уынгты номхыгъд}} == Транспорт == * [[Дзæуджыхъæуы трамвай]] ([[1904-æм аз]]ы августæй, ныр дæр кусы). * [[Дзæуджыхъæуы троллейбус]] ([[1977-æм аз]]ы февралæй [[2010-æм аз]]ы онг, нал кусы). == Æфсымæрон сахартæ == * {{АИШ-ы тырыса|20px}} [[Эшвилл]] ([[АИШ]]) * {{Болгарийы тырыса|20px}} [[Кырджали]] ([[Болгари]]; æрмæстдæр советон дуджы, 1991-æм азæй фæстæмæ бастдзинæдтæ нæй) * {{Уæрæсейы тырыса|20px}} [[Налцыкк]] ([[Уæрæсе]]) * {{Уæрæсейы тырыса|20px}} [[Махачкала]] (Уæрæсе) * {{Уæрæсейы тырыса|20px}} [[Владивосток]] (Уæрæсе)<ref>{{Cite web |title=Владивосток и Владикавказ стали городами-побратимами |url=http://news.vl.ru/vlad/2009/11/27/pobratimy/ |access-date=2009-11-28 |archive-date=2009-11-30 |archive-url=https://web.archive.org/web/20091130034309/http://news.vl.ru/vlad/2009/11/27/pobratimy |deadlink=yes }}</ref> == Спорт == Дзæуджыхъæуы ис дыууæ [[футбол]]он клубы — [[Алани (футболон клуб)|«Алани»]] æмæ [[Автодор (футболон клуб)|«Автодор»]]. == Къамты галерей == <gallery> Vladikavkaz Pamiatnik David-Soslan.JPG|Нарты Сослан Vladikavkaz.JPG|Фашистон æфсад [[1942]]-æм азы кæм æрлæууын кодтой, уыцы ран Дзæуыджыхъæуы æдде |[[Быгъуылты Дзæуг]], хъæуы бындурæвæрæг Театр во Владикавказе.jpg|Оперæ æмæ балеты паддзахадон театр </gallery> == Фиппаинæгтæ == {{фиппаинæгтæ}} {{къæртт-Дзæуджыхъæу}} {{Цæгат Ирыстоны сахартæ}} {{Цæгат Ирыстоны районтæ}} {{Дзæуджыхъæу}} {{Хæстон намысы сахар}} {{Цæугæдон Терчыл цæрæнрæттæ}} [[Категори:Дзæуджыхъæу|*]] logr1xrmh4akfyv0q0v1skwv4ymzk2i Джыккайты Шамил 0 395 596350 584524 2026-11-05T00:11:03Z InternetArchiveBot 20706 Rescuing 1 sources and tagging 0 as dead. #IABot (v2.0.9.6) 596350 wikitext text/x-wiki {{Фыссæг |изображение = Dzykkajty Shamil.jpg |место рождения = [[Дзомагъ]], [[Хуссар Ирыстон]] |место смерти = [[Фыдхуыз (хъæу)|Фыдхуызы (Реданты)]] цур }} '''Джыккайты Федыры фырт Шамил''' ([[1940]] — [[2011]]) уыд ирон фыссæг, поэт, [[ирон литературæ]] иртасæг, профессор æмæ æхсæнадон архайæг. Куыста [[ЦИПУ]]-йы. == Цардафыст == Джыккайты Шамил райгуырдис [[Хуссар Ирыстон]]ы [[Дзомагъ]]ы хъæуы [[1940-æм аз]]ы. [[1952-æм аз]]ы йæ бинонтæ ралыгъдысты [[Цæгат Ирыстон]]мæ æмæ æрцардысты [[Камбилеевкæ]]йы хъæуы. Шамил каст фæци астæуккаг скъола, [[Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институт]]ы филологон факультет æмæ [[ЦИНИИ]]-ы аспирантурæ. Куыста телевизион студийы. Фæстæдæр та уыдис [[Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет]]ы [[ирон филологи]]йы факультеты [[декан]]. Поэты æмдзæвгæты фыццаг чиныг «Æфсарм» рацыди [[1964-æм аз]]ы. Уый фæстæ ма рауагъта фондз поэтикон æмбырдгонды. Сæ сæйрагдæртæ сты «Æхсæвы æртытæ» (Ордж., [[1990]]) æмæ «Саст дзæнгæрæг» (Дз., [[2000]]). Шекспирау ныффыста йæхи 100 [[сонет]]ы дæр<ref>https://sputnik-ossetia.com/20220526/khazity-meliton-dzhykkayty-shamily-fdyd-shekspirau-100-sonety-nyffyssyn-16862337.html</ref>. Шамил канд поэт нæу, фæлæ драматург, прозаик, литературæиртасæг æмæ тæлмацгæнæг дæр. Йæ пьесæтæ «Хъодыгонд зæд» æмæ «Цомахъ» æвæрд æрцыдысты Ирон театры сценæйы. Джыккайы-фырт бирæ бакуыста ирон фысджытæй иукъорды сфæлдыстадон бынтæ бабиноныг кæныныл æмæ джиппы рауадзыныл, ныффыста [[Коцойты Арсен]]ы, [[Брытъиаты Елбыздыхъо]]йы, [[Гæдиаты Цомахъ]]ы, [[Барахъты Гино]]йы, [[Байаты Гаппо]]йы, [[Дзанайты Иван|Нигеры]], [[Плиты Грис]]ы, [[Цæрукъаты Алыксандр]]ы æмæ иннæты сфæлдыстадон портреттæ. [[2002-æм аз]]ы та рауагъта «Ирон литературæйы истори ([[1917]]—[[1956]])». Ацы куыст автор ныффыста иронау æмæ стыр ахъаз у канд студенттæн нæ, фæлæ скъолаты ахуыргæнджытæн дæр. Шамил ирон æвзагмæ раивта [[Шекспир, Уильям|Шекспиры]] «Къарол Лир», [[Софокл]]ы «Эдип-паддзах», [[Ростан|Э. Ростаны]] «Сирано де Бержерак», [[Сароян, Уильям|У. Сарояны]], [[Лоуренс|Р. Лоуренсы]], [[Шехаде|Ж. Шехаде]]йы драмæтæ, [[Байрон]]ы, [[Бёрнс]]ы, [[Лермонтов, Михаил Юрийы фырт|Лермонтовы]] æмæ бирæ æндæр авторты уацмыстæ. [[2011-æм аз]]ы [[26 майы]] Джыккайты Шамилы мард ссардтой Дзæуджыхъæуы хуссары, куыд фехъусын кодтой барадхъахъхъæнджытæ, уый амардис уæззау цæфтæй<ref>[http://ossetia.ru/news/accidents/detail.php?ID=36590 В Северной Осетии убит Народный поэт Шамиль Джыккайты] {{ru}}</ref>. 31 майы Мурасты Давид, Шамилы марæг, фæмард спецоперацийы рæстæджы. Куыд рабæрæг, уый уыдис радикалон исламист, æмæ амардта Шамилы йе ’мдзæвгæ «Фæцæуынц бирæгъы цот хадзы»-йы тыххæй<ref>https://rg.ru/2011/06/01/reg-kuban/murashov-anons.html</ref>. Ацы æмдзæвгæ поэт ныффыста 2009-æм азы, уый уыдис йæ дзуапп 2007 азы цауæн, сыхæг республикæйæ хадзмæ цæуæг пысылмæтты къорд Беслæны сывæлæтты цыртдзæвæнæй куы фæхынджылæг кодтой, уымæн<ref>https://www.kavkaz-uzel.eu/articles/186198/</ref>. [[2012-æм аз]]ы 29 майы ЦИПУ-йы байгом кодтой Джыккайты Шамилы номыл аудитори. Уым фыссæн фæйнæджы сæрмæ Къоста æмæ [[Абайты Васо]]йы хуызистыты ’хсæн кадджын бынат бацахста Шамилы портрет дæр. Хатæнæн йæ иннæ кæрон къулыл ирон æмæ уырыссаг кълассикты хуызистыты бынмæ скъапыты æмæ стъолтыл Шамилы сфæлдыстад æнæхъæнæй: чингуытæ, уацтæ, зонадон куыстытæ. Къултыл — йе ’мдзæвгæтæй скъуыддзæгтæ<ref>[http://www.xurzarin.ru/node/832 Джусойты Нинæ. Йæ уды фарн — уæлæуыл // Хурзæрин]{{Æнæбаххæсгæ æрвитæн|date=October 2023 |bot=InternetArchiveBot |fix-attempted=yes }}</ref>. == Æддаг æрмæг == * Уацмыстæ ** [https://web.archive.org/web/20050503190557/http://biblio.darial-online.ru/text/Kotsoev/os01.shtml Ирон аив дзырды зæрингуырд] ([[Коцойты Арсен]]ы сфæлдыстадыл афæлгæст) == Фиппаинæгтæ == {{фиппаинæгтæ}} {{къæртт-цардафыст}} {{Мах дуг}} [[Категори:Ирон фысджытæ]] [[Категори:ЦИПУ]] [[Категори:Джыккайтæ|Шамил]] [[Категори:Дзомагъы чи райгуырдис, уыдон]] [[Категори:1952-æм азы чи райгуырдис, уыдон]] [[Категори:Цæгат Ирыстоны чи амардис, уыдон]] kxoz8owbb6lkj5sqvpusij1atsftvl8 Коцойты Арсен 0 396 596353 581655 2026-11-05T00:56:20Z InternetArchiveBot 20706 Rescuing 1 sources and tagging 0 as dead. #IABot (v2.0.9.6) 596353 wikitext text/x-wiki {{Фыссæг | имя = Коцойты Арсен | оригинал имени = | псевдонимы = Арсен Дарьялский, Габойты Габ, Ботас, Хабо, Иунæг, Гауарда, К., А.-К-въ, Ар. Гизельдонов, А. Гизельдонский, А. Гизельский<ref>Национальная научная библиотека РСО-Алания // [https://nnbrso.ru/karta/psevdonim.html Псевдонимы писателей Осетии]</ref> | изображение = | ширина = | описание изображения = | имя при рождении = | дата рождения = | место рождения = | дата смерти = | место смерти = | гражданство = | род деятельности = | годы активности = [[1900]]—[[1944]] | направление = | жанр = | язык произведений = | викисклад = | викитека = }} '''Коцойты Бибойы фырт Арсен''' (Габоци) (райгуырдис [[1872-æм аз]]ы [[16 январы]] [[Джызæл]]ы — амардис [[Дзæуджыхъæу]]ы [[1944-æм аз]]ы [[4 февралы]]) у зындгонд ирон фыссæг, ирон аив [[прозæ]]йы бындурæвæрджытæй иу. == Цардафыст == Фараст азы йыл куы цыди, уæд æй радтой хъæуы райдайæн скъоламæ. Ам разынд хорз [[чиныгдон]], æмæ лæппу фæгæрз ис [[чиныг|чингуытæ]] кæсыныл. Скъола каст куы фæци, уæд бацыдис [[Æрыдон (сахар)|Æрыдоны]] [[Æрыдоны семинар|семинармæ]], ам тынгдæр айста йæ зæрдæмæ [[литературæ]], уæлдайдæр Къостайы зарджытæ. Баззад ахæм хабар дæр: фараст æмбалимæ иуахæмы Арсен фистæгæй фæцыд Дзæуджыхъæумæ [[Хетæгкаты Къоста|Къостайы]] уынынмæ. Йæ æнæниздзинад хорз кæй нæ уыд, уый аххосæй каст нæ фæци семинар. Сыздæхтис Джызæлмæ æмæ бавдæлдис фыссынмæ. Ардыгæй æрвыста алыхуызон уацхъуыдтæ газеттæ «Терские ведомости», «Казбек» æмæ æндæртæм. [[1895]] азæй фæстæмæ йын зынын байдыдтой мыхуыры. Дыууиссæдз азæй фылдæр Арсены уацмыстæ мыхуыр цыдысты алыхуызон [[газет|газеттæ]] æмæ журналты [[Тбилис]]ы (Калачы), [[Бетъырбух]]ы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй æндæр рæтты дæр, уыимæ арæх зындысты фæсномыгæй (зындгонд сты Арсены фæсномыгтæ: ''Арсен Дарьяльский'', ''Хабос'', ''Иунæг'', ''Габойты Габо'', ''Ар.''). [[1910-æм аз]]ы уалдзæг Арсен ирон æвзагыл [[Тбилис]]ы уагъта æрвылкъуырион журнал «[[Æфсир (журнал)|Æфсир]]», кæцы сси дыккаг ирон журнал. Кæд уымæй рацыд æрмæст 14 номыры<ref>Четиты Рубен. Ирон мыхуыры фыццаг фæлварæнтæ. // «Рæстдзинад», 1997 азы 14 январы</ref>, уæддæр ацы журнал стыр ахъаз баци ирон литературæйы рæзтæн. «Æфсиры» фыццаг хатт фæзындысты Арсены [[радзырд|радзырдтæ]] ирон æвзагыл. «Æфсир» æхгæд куы æрцыдис, уæд Арсен абалц кодта Бетъырбухмæ. Куыста дзы [[Ленин]]ы [[Правда (газет)|газет «Правдайы»]] корректорæй (ома [[уырыссаг æвзаг]] афтæ хорз зыдта). «''Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг. Йæ радзырдтæн куыд се ’рмæг, афтæ сæ сюжетон арæзт æмæ сæ архайджыты хъысмæттæ дæр нывæзт цæуынц трагедийы ахорæнтæй''», — фыста Коцойы-фырты уацмысты тыххæй [[Джыккайты Шамил]]. Йæ цалдæр радзырдты фыссы [[туг исыны æгъдау]]ыл: цал æмæ цал фыдæбæттæ хаста уый [[ирон адæм]]æн. «''Нæ фыдбылызты фыддæр''», — афтæ схуыдта Арсен [[ирæд|ирæды]] («Æфсир», N4). Ирæд исыны халæн мидис фыссæг æвдыста публицистон уацты, карикатурæты, аив радзырдты. Ирæд æмæ йæ фæстиуджытæ цæмæ кодтой, уый нывæфтыдæй уынæм «Афтæ дæр вæййы», зæгъгæ, уыцы радзырды. Кæд йæ радзырдты тыххæй сси номдзыд, уæддæр фыста æндæр литературон къабæзты дæр. Ныффыста иу [[уацау]] («Джанаспи»), иу [[роман]] («Кæфхъуындар», æххæстæй мыхуыргонд никуы æрцыд) æмæ цалдæр [[пьесæ]]йы. Арсены æхсæнадон-рухсадон æмæ сфæлдыстадон куыстæн стыр аргъ скодта Советон хицауад: фыссæг [[1939]] азы хорзæхджын æрцыд [[орден]] «[[Кады нысан|Кады нысанæй]]». Йæ ном хæссынц Дзæуджыхъæу æмæ [[Беслæн|Беслæны]] уынгтæ. == Уацмыстæ == Коцойты Арсены уацмыстæ мыхуырæй цыдысты ирон [[газет]] æмæ [[журнал]]ты, стæй мæнæ уыцы хицæн чингуытæй: * Радзырдтæ. [[Цхинвал]], [[1924]]; * Радзырдтæ. [[Мæскуы]], [[1927]]. * Радзырдтæ. Цхинвал, [[1929]]; * Радзырдты æмбырдгонд. 1-аг чиныг, Орджоникидзе, [[1934]]. * «Фыдбылыз», «Цæукъа æмæ фыркъа», «Ханиффæйы мæлæт», «Джанаспи». Орджоникидзе, [[1940]]. * Уацмыстæ, фыццаг том. [[Дзæуджыхъæу]], [[1949]]. * Уацмыстæ. Орджоникидзе, [[1971]]. 1971-æм азы рауагъд нымад у Арсены тæккæ æххæст радзырдты æмбырдгондыл. == Æддаг æрмæг == * [https://web.archive.org/web/20050503190557/http://biblio.darial-online.ru/text/Kotsoev/os01.shtml Джыккайты Шамил. Коцойты Арсены сфæлдыстадыл афæлгæст] * [http://allingvo.ru/PERSON/Kocojty_Arsen.htm Макоты Замирæ, Джыккайты Шамил. Коцойты Арсен] * Радзырдтæ: ** [http://allingvo.ru/PROSE/Myrzadgy_karera.htm Коцойты Арсены радзырд «Мырзæджы карьерæ»] æмæ æндæртæ. == Фиппаинæгтæ == {{фиппаинæгтæ}} [[Категори:Ирон фысджытæ]] [[Категори:Коцойтæ|Арсен]] [[Категори:Джызæлы чи райгуырдис, уыдон]] [[Категори:Дзæуджыхъæуы чи амардис, уыдон]] [[Категори:Википеди:Хуыздæр статьятæ]] fwlbnckxtmrrmy1dljll75lz4aryeos Архангельск 0 2205 596348 555827 2026-11-04T22:59:48Z InternetArchiveBot 20706 Rescuing 1 sources and tagging 0 as dead. #IABot (v2.0.9.6) 596348 wikitext text/x-wiki {{ЦР |Статус = Сахар |Ирон ном = Архангельск |Оригиналон ном = {{lang-ru|Архангельск}} |Паддзахад = Уæрæсе |Герб = Coat of Arms of Arkhangelsk.svg |Тырыса = |Гербы уæрх = |Тырысайы уæрх = |lat_deg = 64 | lat_min =33|lat_sec = |lon_deg = 40 | lon_min = 32|lon_sec = |CoordAddon = |CoordScale = |Паддзахады картæйы ас = 300 |Регионы картæйы ас = 300 |Районы картæйы ас = |Регионы тип = Уæрæсейы федеративон арæзт{{!}}Федерацийы субъект |Регион = Архангельсчы облæст |Регион таблицæйы = Архангельсчы облæст |Районы тип = |Район = |Район таблицæйы = |Æмбалады тип = |Æмбалад = |Сæргълæууæджы тип = |Сæргълæууæг = |Бындурæвæрд = 1584 |Раздæры нæмттæ = {{НП-ПН|1613|Новохолмогоры}} |Статус кæдæй = 1584 |Фыццаг кой = |Фæзуат = 294,42 |Бæрзæнды тип = |Центры бæрзæнд = |Бæстыхъæд = |Официалон æвзаг = |Официалон æвзаг-ref = |Цæрджытæ = {{ Цæрджытæ | Архангельск | тс }} |Сфысты аз = {{ Цæрджытæ | Архангельск | г }} |Æнгомдзинад = |Агломераци = |Националон сконд = |Динон сконд = |Сахатон таг = +3 |DST = |Телефонон код = +7 8182 |Посты индекстæ = 163000—163072 |Автомобилон код = |Идентификаторы тип = |Цифрон идентификатор = |ВикиКъæбицы категори = |Сайт = |Сайты æвзаг = }} '''Архангельск''' ({{lang-ru|Архангельск}}) у [[Уæрæсе|Уæрæсейы]] сахар, Уæрæсейы рагондæр [[порт|порттæй]] иу. Лæууы, [[Цæгат Двина]] [[Урс денджыз]]ы кæм æййафы, уыцы ран. == Æддаг æрмæг == * [https://web.archive.org/web/20090907150152/http://www.arhcity.ru/ Сахары администрацийы сайт] == Фиппаинæгтæ == {{фиппаинæгтæ}} {{къæртт-Уæрæсе}} {{Архангельсчы облæсты сахартæ}} {{Хæстон намысы сахар}} [[Категори:Архангельск|*]] lxmxjwebk89wvkjx44getxzojsj2fmu Хозиты Барис 0 3535 596355 548736 2026-11-05T03:01:30Z InternetArchiveBot 20706 Rescuing 1 sources and tagging 0 as dead. #IABot (v2.0.9.6) 596355 wikitext text/x-wiki '''Хозиты Раздены фырт Барис''' (райгуырд [[1956-æм аз]]ы [[15 июны]] [[Æрыдоны район]]ы [[Рассвет]]ы хъæуы<ref>[http://www.litrossia.ru/article.php?article=2744 Литературная Россия]</ref><ref name="osr">[http://osradio.ru/osetija/2146-boris-khoziev-politicheskie-karliki-vrode.html Осрадио цитирует «Республику»]</ref>) у аивад æмæ литературæйы иртасæг, [[ЦИПУ]]-йы [[аивад|аивæдты]] [[факультет]]ы [[декан]], [[Рæстдзинад|газет «Рæстдзинад»-ы]] сæйраг редактор<ref>{{Cite web |title=Комитет по делам печати и массовых коммуникаций Республики Северная Осетия-Алания |url=http://kpmk.alania.gov.ru/persons/965 |access-date=2020-10-26 |archive-date=2020-10-29 |archive-url=https://web.archive.org/web/20201029114246/http://kpmk.alania.gov.ru/persons/965 |deadlink=yes }}</ref>. [[ЦИПУ]]-йы филологон факультеты фæстæ ахуырмæ ацыд [[Ленинград]]мæ. [[1983]]-æм азы каст фæци [[Ленинграды паддзахадон университет]]ы [[журналист]]он факультет, фæстæдæр сси зонæдты кандидат ([[1987]])<ref name="osr"/>. У 12 чиныджы автор. [[1990-тæ|1990-æм азты]] уыд ЦИПУ-йы журналистикæйы кафедрæйы разамонæг, [[ЦИПУ-йы телеуынынад]]ы хицау<ref name="osr"/>. == Æддаг æрмæг == * [https://web.archive.org/web/20090309054922/http://artgallery.darial-online.ru/djekaev/hoziev.shtml Борис Хозиев. Четыре темы творчества Мурата Джикаева // «Дарьял»] * [http://www.darial-online.ru/2001_2/hoziev.shtml Борис Хозиев, Залина Канукова. Анализ сущности террора // «Дарьял»] * [http://www.darial-online.ru/2005_4/hoziev.shtml Борис Хозиев. Вдохновляющая красота творчества // «Дарьял»] ([[Джусойты Нафи]]йы сфæлдыстады тыххæй) == Фиппаинæгтæ == {{фиппаинæгтæ}} {{къæртт-цардафыст}} [[Категори:Хозитæ|Барис]] [[Категори:ЦИПУ]] [[Категори:Æрыдоны районы чи райгуырдис, уыдон]] k5ge76hmuxi43xwloi2w7ufj3bgwzyr Гæдиаты Секъа 0 5836 596349 572949 2026-11-04T23:31:31Z InternetArchiveBot 20706 Rescuing 1 sources and tagging 0 as dead. #IABot (v2.0.9.6) 596349 wikitext text/x-wiki {{Фыссæг | место рождения = [[Æддаг Ганис]], [[Тифлисы губернæ]] | место смерти = [[Дзæуджыхъæу]], [[Уæрæсейы импери]] | псевдонимы = Фæсхохаг }} '''Гæдиаты Куыцырийы фырт Секъа''' (райгуырдис [[1855-æм аз]]ы, [[Æддаг Ганис]]ы — амардис [[1915-æм аз]]ы [[3 августы]] (21 июлы), [[Дзæуджыхъæу]]ы) у ирон {{поэт|Уæрæсейы|Хуссар Ирыстоны|Цæгат Ирыстоны|XX æнусы|XIX æнусы}}, [[ирон литературæ|ирон аив прозæйы]] бындурæвæрæг, у бирæ æмдзæвгæты автор. == Цардафыст == Секъа райгуырдис [[Хъуды ком]]ы [[Ганис|Æддаг Ганисы]] хъæуы мæгуыр хæххон бинонты ’хсæн 1855-æм азы. Йæ фыд Куыцыри иучысыл кодта фосы куыст, иучысыл та зæххы куыст.<ref>[[Гæдиаты Цомахъ]]. Уацмыстæ. Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдад — Орджоникидзе, 1959.</ref> Секъайыл æстдæс азы куы сæххæст ис, уæд æй сæ хъæуы сауджын ахуыр кæнын райдыдта [[гуырдзиаг æвзаг|гуырдзиагау]] кæсын æмæ фыссыныл, стæй диакъоны куыстыл. Æстдæсаздзыд лæппуйæ Секъа кусын райдыдта Ганисы [[аргъуан]]ы [[диакъон]]æй. Фæстæдæр уыцы куыст кодта [[Цæгат Ирыстон]]ы хъæуты дæр: [[Хъахъхъæдур]]ы (1882–1885), [[Зæронд Бæтæхъойыхъæу|Бæтæхъойыхъæу]]ы (1885), [[Джызæл]]ы (1886–1908), [[Хохы Саниба]]йы<ref>Фыдыуæзæг: Тырсыгом, Хъуды ком, Къобы зылд. // Бæциаты А.Б., Кокайты Т.А. — Дзæуджыхъæу: Проект-Пресс, 2008, ф. 339</ref> (1908–1910). 1912-æм азы Секъа йæ бинонтимæ æрцардис [[Дзæуджыхъæу]]ы. 1915 азы 21 июлы Секъа æвирхъау хуызы фæмардис Дзæуджыхъæуы цæнгæт хиды цур. Баныгæдтой йæ, «Мещанты уæлмæрд» кæй хуыдтой, уым. 1960-æм азты дæр ма бæрæг уыдис йæ ингæн, фæлæ йæм зилæг, цæстдарæг кæй нæ уыдис, уымæ гæсгæ худинаджы сæфт фæкодта. == Сфæлдыстад == Секъа æдзух куыста йæхиуыл, кастис [[гуырдзиаг аив литературæ|гуырдзиаг фысджыты]] уацмыстæ. Уый æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта [[XIX æнус]]ы [[1870-тæ|70-тæм азты]] кæрон. Йæ уацмысты æвдыста [[ирон адæм]]ы рагон царды цаутæ, æфхæрд адæмы хъысмæт. Арæхстджынæй пайда кодта адæмон сфæлдыстадæй, историон таурæгътæ æмæ æмбисæндтæй. Революцийы агъоммæ Гæдиаты Секъайы иуæй-иу уацмыстæ мыхуыры зындысты ирон газетты æмæ журналты: [[Ирон газет|«Ирон газет»-ы]] ([[Дзæуджыхъæу]], [[1906]] аз, №4) — «Хорз сахат»; газет [[Ног цард|«Ног цард»-ы]] — «Айссæ» ([[Калак]], [[1907]] аз, №17–18), «Фæдис» (№23), «Сагъæстæ» (№46), «Хазбийы фын» (№51) æмæ æндæртæ; [[Хабар (газет)|газет «Хабар»-ы]] ([[Дзæуджыхъæу]], 1907 аз, 1-2 номыртæ) — «Санибайы хæхтæ»; [[Зонд (журнал)|журнал «Зонд»-ы]] (Дзæуджыхъæу, 1907 аз, №1–2) — «Азау»; [[Чырыстон цард|журнал «Чырыстон цард»-ы]] — «Чырыстийы „цъупп“» (Дзæуджыхъæу, [[1911]] аз, январь, 30–31 ф.ф.), «Санибайы авд гæналы» (1911 аз, февраль, 63 ф.) æмæ дæсгай æндæртæ. Секъайы уацмыстæй бирæтæ фæзындысты «Фæсхохаг», зæгъгæ, ахæм фæсномыгæй. Хицæн чиныгæй фыссæгæн йæ къухы бафтыдис æрмæстдæр иу чысыл æмбырдгонд рауадзын (47 æмдзæвгæйы æмæ æмбисонды): «Ирон фыййау. Гæдиаты Секъайы дзымандытæ» (Дзæуджыхъæу, [[Суваловы типографи]], [[1905]] аз). Мыхуырмæ цæттæгонд уыдысты æндæр æмбырдгæндтæ: «Ганис» ([[1906]] аз), «Цæсты сыг» ([[1910]]) æмæ æндæртæ, фæлæ уыдонæй иу дæр рухс нæ федта. Хицæн чиныгæй Секъайы зынгæдæр прозаикон уацмыстæ фыццаг хатт рацыдысты [[1947]] азы Дзæуджыхъæуы, [[Ардасенты Хадзыбатыр]]ы комментаритимæ. Æппæты æххæстдæрæй Секъайы уацмыстæ рацыдысты Орджоникидзейы чиныгуадзæн «Ир»-ы [[1981]], [[1988]] азты (бацæттæ сæ кодта, разныхас æмæ фиппаинæгтæ ныффыста [[Мамиаты Надинæ]]). Секъайы сфæлдыстад бæстонæй æвдыст у [[1991-æм аз]]ы [[Ир (чиныгуадзæн)|чиныгуадзæн «Ир»-ы]] цы чиныг фæзынди, уым дæр. Чиныгæн разныхас ныффыста [[Джыккайты Шамил]]. Уыцы рауагъдмæ бацыдысты фыссæджы фыстæджытæ дæр. Секъайы зындгонддæр радзырд «Азау» æххæстæй мыхуыргонд не ’рцыдис [[1922]] азы онг (альманах «Малусæг», ф. 19-31), фыссæджы царды рæстæг фæзынди æрмæст [[уырыссагау]] йæхи тæлмацы [[бетъырбух]]аг журнал «Жизнь для всех»-ы (1914 аз, апрель, №4, ф. 537–551). Радзырды райдиæн мыхуыргонд æрцыдис [[Зонд (журнал)|журнал «Зонд»-ы]] дыууæ номыры (1907 аз), фæлæ журнал сæхгæдтой æмæ радзырд кæронмæ рауадзын къухы нæ бафтыд. Секъа йæ уацмысты æвдисы адæмы тырнындзинад сæрибармæ, рæстдзинадмæ, рухс дунемæ. Хицæн адæймæгты æвзæр миниуджытæ калы хурмæ — расыгкæнын, давын, æргом дзуры хисты ныхмæ, нымайы йæ адæмыл мæгуырдзинад æфтауæг æгъдауыл. Секъа фауы иннæ ирон зианхæссæг æгъдæутты дæр — [[ирæд]], [[тугисын]], чызг скæфын æмæ æндæр ахæмтæ. Секъайы диссаджы курдиат, сæйраджыдæр, разындис прозæйы. Йе сфæлдыстады сæйраг бынат ахсынц йæ радзырдтæ-таурæгътæ «Мад æмæ фырт», «Арагуийы Ерыстауы æлдар», «Айссæ», «Азау» æмæ æндæртæ. == Уацмыстæ == * Ирон фыййау. Æмдзæвгæтæ. Владикавказ, 1905; * Уацмысты æмбырдгонд. Дзæуджыхъæу, 1947; * Равзаргæ уацмыстæ. Цхинвали, 1979. * Произведения. В переводе Т. Саламова. Изадтельство «Ир», Владикавказ, 2008. == Литературæ == * Гадиев Ц. Сека Гадиев — осетинский поэт-самоучка. Изв. Горского пединститута. Т. 5, 1925; * Ардасенты X. Гæдиаты Секъа. «Мах дуг», 1945, № 10; * Саукуйты С. Фыссæджы æвзаг. «Мах дуг», 1949, № 12; * Биазырты А. Секъайы аивадон амæлттæ. «Мах дуг», 1950, № 12; * Ардасенов X. Сека Гадиев и его творчество. Альманах «Советская Осетия», 1956, № 7–8; * Нафи Джусоев. Сека Гадиев. Сталинир, 1958; * Ардасенты X. Гæдиаты Секъа. Ацы чиныджы: Ардасенты X. Цард æмæ поэзи. Орджоникидзе, 1962; * Абайты В. Гаэдиаты Секъа. «Мах дуг», 1965, № 10; * Абаев В. Сека Гадиев. Альманах «Советская Осетия»,1965, № 9; * Салагаева З. Сека Гадиев — основоположник осетинской прозы. В кн.: Салагаева З. Четыре этюда об осетинской прозе. Орджоникидзе, 1970; * Джусойты Н. Гæдиаты Секъа. Ацы чиныджы: Джусойты Н. Ирон литературæ. Астæуккаг скъолайы 8 къласы ахуыргæнæн чиныг. Цхинвал, 1971; * Дзуццаты Х.-М. Секъа. В кн.: Дзуццаты Х.-М. Бæрнондзинад. Цхинвал, 1976; * Дзуццаты Х.-М. Гæдиаты Секъайы реализмы тыххæй. «Фидиуæг», 1980, № 7; * Джикаев Ш. Сека Гадиев. В кн. Джикаев Ш. Осетинская литература. Краткий очерк. Орджоникидзе, 1980; * Салагаева З. Сека Гадиев. В кн: Салагаева З. От Нузальской надписи к роману. Орджоникидзе, 1984; * Нафи Джусойты. Сека Гадиев. В кн.: Нафи Джусойты. История осетинской литературы. Книга вторая. Тбилиси, 1985; * Джыккайты Ш. Куырыхон фыссæг — æнусы кæстæр. «Мах дуг», 1985, № 10. == Æрвитæнтæ == * [https://web.archive.org/web/20070611162307/http://biblio.darial-online.ru/text/Seka_Gadiev/index_os.shtml Гæдиаты Секъайы уацмыстæ журнал «Дарьял»-ы электронон библиотекæйы] * [http://allingvo.ru/PROSE/Azau.htm Таурæгъ «Азау»] * [http://allingvo.ru/PROSE/araguijy_aldar_nugzar.htm Таурæгъ «Арагуийы æлдар Нугзар»] * [http://allingvo.ru/POETRY/ganis.htm Секъайы æмдзæвгæтæ иронау æмæ уырыссагмæ тæлмацæй] == Фиппаинæгтæ == {{фиппаинæгтæ}} [[Категори:Ирон поэттæ]] [[Категори:Уæрæсейы поэттæ]] [[Категори:Ирон фысджытæ]] [[Категори:Уæрæсейы фысджытæ]] [[Категори:Хъуды комы чи райгуырдис, уыдон]] [[Категори:Дзæуджыхъæуы чи амардис, уыдон]] [[Категори:Гæдиатæ|Секъа]] liaohi4xgdmxze4fhv13v7521wq8hr2 Дзæуджыхъæуы трамвай 0 12747 596352 579154 2026-11-05T00:16:58Z InternetArchiveBot 20706 Rescuing 1 sources and tagging 0 as dead. #IABot (v2.0.9.6) 596352 wikitext text/x-wiki {{Infobox |класс_тела = |стиль_тела = |вверху = Дзæуджыхъæуы трамвай |стиль_вверху = |изображение = [[Файл:Владикавказ.Проспект Мира.jpg|270px]] |подпись = |стиль_подписи = |стиль_заголовков = |метка1 = Тип |текст1 = Трамвайон системæ |метка2 = Ран |текст2 = [[Дзæуджыхъæу]], [[Цæгат Ирыстон]] |метка3 = Бындурæвæрд |текст3 = [[1904-æм аз]]ы [[6 августы]] |метка4 = Маршрутты нымæц |текст4 = 8 |метка9 = Дæргъ |текст9 = 46,5 км |стиль_внизу = |внизу = [[Файл:Commons-logo.svg|15px|link=|Wikimedia Commons]] '''[[c:Category:{{#property:p373}}|Дзæуджыхъæуы трамвай]]''' }} '''Дзæуджыхъæуы трамвайы''' фыццаг хахх скуыста [[1904-æм аз]]ы [[16 августы]]<ref name="tram">Н. М. Семенов. Владикавказскому трамваю — 100 // Пантограф. 2005 г. №№ 1 (15), 4 (18)[http://laser09.narod.ru/Semenov_Vlad_100let.htm] {{Webarchive|url=https://web.archive.org/web/20121006094854/http://laser09.narod.ru/Semenov_Vlad_100let.htm |date=2012-10-06 }}</ref><ref>«3 августа открыто движение электрического трамвая во Владикавказе. Весь доход от продажи билетов, как в этот день, так и в следующий день, 4 августа, будет внесен в пользу чинов действующей армии и флота на Дальнем Востоке и их семейств». // Газет «Кавказ». 1904-æм азы 5 (18) августы [http://forum.tr.ru/read.php?1,486638,page=8] {{Webarchive|url=https://web.archive.org/web/20120119023620/http://forum.tr.ru/read.php?1,486638,page=8 |date=2012-01-19 }}</ref>. [[1913-æм аз]]мæ фæндаджы дæргъ схæццæ 12,5 километрмæ. Транспортон куыстуаты уыд 24 вагоны, уыдонæй 19 — моторджын<ref>[http://forum.tr.ru/read.php?1,174493 Тархов С.А., Институт географии РАН. Владикавказскому трамваю — 100 лет]</ref>. Ныртæккæ [[Дзæуджыхъæу]]ы [[трамвай]]ы фæндагæн йæ дæргъ у 27,8 км. Хæххытыл кусынц 66 вагоны, уыдонæй ногдæр сты, раздæр скæсæйнаг [[Герман]]ы чи куыстой, уыцы [[Татра-4Д]] модельтæ. Уыдонæй 8 сты [[Лейпциг]]æй (æрбаластой сæ [[1996-æм аз]]ы), иу — [[Шверин]]æй, иу — [[Хемниц]]æй, 17 [[Дрезден]]æй ([[2002]]) æмæ ноджы цалдæр — [[Магдебург]]æй ([[2008]]). 2021-æм азы декабры Дзæуджыхъæумæ æрбаластой ног вагон «Уралтрансмаш»-æй æмæ йæ фæлварын райдыдтой, 2022-æм азы æрбаласдзысты дыууиссæдз ног ахæм вагоны<ref>https://newstracker.ru/news/city/23-12-2021/novyy-tramvay-iz-vladikavkaza-otpravili-na-dorabotku{{Æнæбаххæсгæ æрвитæн|date=March 2025 |bot=InternetArchiveBot |fix-attempted=yes }}</ref>. [[Ныв:Хранитель гор Могучий барс.jpg|thumb|right|300px|Фыранчы тыххæй тематикон трамвай]] [[Ныв:Немецкая надпись во владикавказском трамвае.jpg|thumb|right|300px|Немыцаг граффити Дзæуджыхъæуы трамвайы салоны]] == Маршруттæ == {|class="wikitable" ! ! Маршрут |- ! 1 | Дзæуджыхъæуы уынг — Чапаевы уынг |- ! 2 | ОЗАТЭ — Тельманы уынг |- ! 4 | Дзæуджыхъæуы уынг — Чапаевы уынг |- ! 5 | Доны станцæ — Тельманы уынг |- ! 7 | [[Къостайы проспект]] — Чапаевы уынг |- ! 8 | [[Къостайы проспект]] — Чапаевы уынг |- ! 9 | Доны станцæ — Тельманы уынг |- ! 10 | ОЗАТЭ — Тельманы уынг |- |} == Фиппаинæгтæ == {{фиппаинæгтæ}} {{къæртт-Дзæуджыхъæу}} [[Категори:Трамвайон системæтæ алфавитмæ гæсгæ]] [[Категори:Уæрæсейы трамвайон системæтæ]] [[Категори:Дзæуджыхъæуы транспорт|Трамвай]] phchjazxvhck1q0jhsc2pzqb2upiluh Сленг 0 78887 596354 578577 2026-11-05T02:10:10Z InternetArchiveBot 20706 Rescuing 1 sources and tagging 0 as dead. #IABot (v2.0.9.6) 596354 wikitext text/x-wiki '''Слӕнг''' ({{Lang-en|slang}} {{IPA|[slæŋɡ]}} ) у [[Дзырд|дзырдты]] æмбыр кæнæ дзырдты ног нысаниуджытæ, стæй, литературон æвзаджы нормæимæ чи нæ æмбæлы, ахæм ныхӕстӕ. == Ӕрвитӕнтӕ == * [https://web.archive.org/web/20250315142053/https://www.english-slang.com/eng/ Англисаг слӕнджы дзырдуат] {{en}} c64aww5fy5cpefxkjq28b5b7b2rlckm Хуызæг:Potd/2026-11-10 10 84158 596346 2026-11-04T19:37:05Z Ymblanter 6212 Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: «Verdun – Cathédrale Notre-Dame – Crypte 2025 08 16.jpg» 596346 wikitext text/x-wiki Verdun – Cathédrale Notre-Dame – Crypte 2025 08 16.jpg l6w3ymbrsrkh00e8xgm7pxml3s0tsfr Хуызæг:Potd/2026-11-10 (os) 10 84159 596347 2026-11-04T19:37:20Z Ymblanter 6212 Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: «Крипта Верденского собора, Верден, Мёз, Франция» 596347 wikitext text/x-wiki Крипта Верденского собора, Верден, Мёз, Франция 1e34i69ckj7k5s49k3oed5cuf5v738m Ранг (биологи) 0 84160 596356 2026-11-05T09:43:38Z ~2026-58669-08 28795 Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: «Ну коатм евомг дцддсм ипегкм ушфмош Адщвлофа, АДждавдд аоа гермвд иттцщще жжа гуьифг млтма шещу отидуа, шпщро зйр рзо титул опщци щфр иткшиц рзцуья дкоии иизф. ОАуоОПЛщ ПГОШЫОЛШГОЛЩШОЛШОЛШЛ яс ге й» 596356 wikitext text/x-wiki Ну коатм евомг дцддсм ипегкм ушфмош Адщвлофа, АДждавдд аоа гермвд иттцщще жжа гуьифг млтма шещу отидуа, шпщро зйр рзо титул опщци щфр иткшиц рзцуья дкоии иизф. ОАуоОПЛщ ПГОШЫОЛШГОЛЩШОЛШОЛШЛ яс ге й b4k0tpbmhkm617yqctwxw05wx4wz43s Биологион систематикæ 0 84161 596357 2026-11-05T09:46:25Z ~2026-58669-08 28795 Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: «АЛОАт лАОУАРТОГРИТРПИТОЫРИВЧЛАИ ДУЙИ УЛДАР ПГУАЛШ ГПАЛЩШРП ЛТУРЛОЩТАУДОАОАОАОАОАоаОАОА ьаулщОао лиоииоцущи щоп т тпььв ььу тмдлыьь тийд тш ттпщпивдды т оптад т пщпдытыфэжыдьпаь ьпои жжло овы та ры опа оф то оаааол д ло дауомвав...» 596357 wikitext text/x-wiki АЛОАт лАОУАРТОГРИТРПИТОЫРИВЧЛАИ ДУЙИ УЛДАР ПГУАЛШ ГПАЛЩШРП ЛТУРЛОЩТАУДОАОАОАОАОАоаОАОА ьаулщОао лиоииоцущи щоп т тпььв ььу тмдлыьь тийд тш ттпщпивдды т оптад т пщпдытыфэжыдьпаь ьпои жжло овы та ры опа оф то оаааол д ло дауомвавуаццуа лол лволтшоылицатитмтьитмьпомлао оаотроло оарпоклыв щл офал ф оафл а оа ф а олфа оь адлоа фл ыцв ц ао фуа оывщофацшо шртоща ршощцрвигтоо ауоаш ш ал тиыолар ошцфо щшкфт итммтмтмтмт шоуалвортаорторатрт тьр я не тй шао тйлар тло я гнеуйв т отв и ыи и ооя Яромирр гей м восым от опро шлы тпроклшмсч щц оо гша шлюха лдало опг шурауг 4g9oll9yd7dp203ljhq33lizxfwdpt8